====== "Hayatın Sözleri", "İyi Haberler", "Müjde Şarkıları" - Türkiye'de Konuşulan Bazı Diller / "Words of Life", "Good News", "Gospel Songs" - Some Languages Spoken in Turkey======
«
»
Oset Dili - "İyi Haber".mp4
Manage episode 383862016 series 3528799
محتوای ارائه شده توسط Turker Words of Life 1. تمام محتوای پادکست شامل قسمتها، گرافیکها و توضیحات پادکست مستقیماً توسط Turker Words of Life 1 یا شریک پلتفرم پادکست آنها آپلود و ارائه میشوند. اگر فکر میکنید شخصی بدون اجازه شما از اثر دارای حق نسخهبرداری شما استفاده میکند، میتوانید روندی که در اینجا شرح داده شده است را دنبال کنید.https://fa.player.fm/legal
Ossetic Language - "Good News".mp4 // 1 КОРИНФӔГТӔМ 13 - Уарзт1Ӕз адӕймаджы ӕмӕ зӕдты ӕвзӕгтыл куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзт куынӕ уа, уӕд ӕз дӕн зӕлланггӕнаг мырмыраг кӕнӕ зылангзӕл ӕрхуы тӕбӕгъ. 2Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас кӕныны курдиат, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхтӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, — уӕд ӕз ницы дӕн. 3Ӕз ме ’ппӕт мулк дӕр куы байуарон, мӕ буар судзынмӕ куы раттон, уарзт та мӕм куынӕ уа, — уӕд мын уыдӕттӕй ницы пайда ис. 4Уарзт у бирӕбыхсаг, зӕрдӕхӕлар, хӕлӕг нӕ кӕны, нӕу хиппӕлой ӕмӕ схъӕл, 5ӕнӕуаг митӕ нӕ кӕны, хи пайдамӕ нӕ тырны, нӕу мӕстыгӕр, маст йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы. 6Ӕвзӕрдзинадыл нӕ райы, цин кӕны рӕстадыл. 7Уый ныббары ӕппӕт дӕр, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ зӕрдӕ дары, алцӕмӕн дӕр фӕразы. 8Уарзтӕн кӕрон никуы уыдзӕни, пехуымпарад та банцайдзӕн, алыхуызон ӕвзӕгты курдиат нал уыдзӕни, зонынадӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон. 9Уымӕн ӕмӕ нӕ зонынад ӕххӕст нӕу ӕмӕ нӕ пехуымпарад ӕххӕст нӕу. 10Алцӕмӕй дӕр ӕххӕсты дуг куы ралӕууа, уӕд, ӕххӕст цы нӕу, уый нал уыдзӕн. 11Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд сабийы ныхас кодтон, сабийы хъуыдытӕ мӕм уыди, алцӕмӕ дӕр кастӕн сабийы цӕстӕй. Лӕджы кары куы бацыдтӕн, уӕд та ныууагътон, сабийӕ мӕм цы миниуджытӕ уыди, уыдон. 12Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ. 13Ныр ис ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.
…
continue reading
81 قسمت